Хуыцауы уазæг ут, фыдыбæстæхъахъхъæнджытæ!

Автор статьи: Администратор/22 февраля 2017 г./Категории: СОГУ

Magometov February 2323.02.2017
Куыд диссаг, куыд зынаргъ æмæ куыд адджын у, æвæдза, Фыдыбæстæ! Адæймаг куыддæр йæхи 'мбарынхъом фæвæййы, афтæ йæм бахъары райгуырæн зæххы хæрздæф. Уый у тыхдæттæг, ныфсы гуырæн, уæлдайдæр та – нæлгоймагæн. Æцæг нæлгоймаг йæхи чи хоны, уый æрыгонæй банкъары, йæ мады гуыбынæй цы зæххмæ рахизы, уый цæсты гагуыйау хъахъхъæнинаг кæй у, уымæй кадджындæр æмæ стырдæр хæс æвæрд ыл кæй нæй, уыдæттæ.

Уыцы хæс æххæст кæнынмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æппæты аудагдæр ныфсдæттæг у сылгоймаг. Мадæлтæ, хотæ, цардæмбæлттæ, уарзон чызджытæ нæлгоймæгты Æфсады рæнхъытæм куы фæфæндараст кæнынц, уæд сæ барæвдауынц, фæкурынц зæдтæ æмæ дауджытæй, цæмæй хызт уой фыдбылызæй, бафæдзæхсынц сын, цæмæй бахъуаджы сахат сæ сæртæ ма 'мбæхсой, уой рæстдзæвин, сæ къах донзоныг ма кæна.

Ирыстон фыдæй-фыртмæ сæрыстыр у йæ сахъ хæстонтæй. Уæлдай стырдæр æмæ æрттивагдæр кад ын скодтой йæ хъæбултæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тымыгъты немыцаг фашистон лæбурджыты дæрæн кæнгæйæ. Алкæмæн дæр зындгонд сты, ирыстойнаг хæстонтæй Советон Цæдисы Хъæбатыры кадджын ном чи райста, кæнæ та æнæ уыцы ном райсгæйæ, йæ пъагæттыл иналары Стъалытæ кæмæн сæрттывтой, уыдон нæмттæ.

Абон мах, Цæгат Ирытоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты студенттæ, профессортæ, ахуыргæнджытæ æмæ иннæ кусджытæ, сæрыстыр стæм, 1941-1945 азты нæ ахуыргæнæндон, уæды педагогон институт, æмгуыппæй фæсарæйнаг лæбурджыты ныхмæ цы тох сарæзта, уыймæй. 600 адæймаджы сæ къухтæм райстой хæцæнгарз æмæ немыцыл сæ цæхæр ныккалдтой. Абоны онг куыд сбæрæг, афтæмæй уыцы фæсивæдæй 113 бацарæфтыд сты. Уыдонимæ уыдысты, ирон литературæ стыр хорздзинæдтæм кæмæ æнхъæлмæ каст, уыцы æвзыгъд лæппутæ Калоты Хазби, Кочысаты Мухарбег, Елехъоты Мурат, Бузойты Тъох æмæ æндæртæ. Пединституты минæвæрттæ цæйбæрц хæрзиуджытæ райстой, уыдон банымайынæн цас æмæ цас рæстæг хъæуы! Æдзард хъæбатырты кады æвдисæн – университеты кæрты æфсымæрон цыртдзæвæн иудадзыгдæр фæлыст у дидинджытæй. Кад æмæ сын намыс! Уæдæ хæсты быдырмæ чи нæ ацыд, уыцы студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ та ам, Иры зæххыл, сæ тых, сæ бонæй æххуыс кодтой Сырх Æфсадæн, цæмæй Дзæуджыхъæуы цур знаг фæуыдаид бæрзæйсаст.

Абон сабыр царды фадæтты дæр кадджын у Уæрæсейы Æфсад. Йæ тых, йæ хъомыс бирæ сты. Уый ныфсæй ныфсджын стæм. Йæ рæнхъыты хæс фидын кадыл нымайы алы лæппу дæр. Нæ сæрæнгуырдтæн мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй сæ макуы бахъæуа хæсты цæхæрæй фыстæджытæ æрвитын.

Хуыцауы уазæг ут, фыдыбæстæхъахъхъæнджытæ!

МÆХÆМÆТТЫ Ахуырбег

университеты президент

Ссылка на статью

Печать

Количество просмотров (436)/Комментарии (0)

Пожалуйста войдите или зарегистрируйтесь to post comments.

Theme picker

Контактная информация

Сообщение