Ног азы ног хæрзтæ нæ хай уæнт!

Автор статьи: Администратор/29 декабря 2017 г./Категории: СОГУ

S 2018 Magometov29.12.2017
Ног аз, ног чындзау, хæрзарæзтæй йæ къах æрбавæрдта нæ зæхмæ. Худæндзастæй рæвдауы Иры зæхх Мæздæджы быдыртæй Гуырдзыйы арæнмæ. Цæгæты уа, Хуссары – иумæйаг сты нæ бæрæгбæттæ. Ног аз бæрнонæй йæхимæ исы адæмы хорздзинæдтыл æнувыдæй архайыны хæс.

Адæймагæн æппæты сæйрагдæр у æнæниздзинад. Афтæ фæзæгъынц, æнæниз буары æнæниз зæрдæ гуыпп-гуыпп кæны. Иунæг кадджын Хуыцауæй курæм æнæниздзинад. Абон нæ университеты наукон сгарджытæ, ахуыргæнджытæ, студенттæ, аспиранттæ, кусджытæ æмæ иннæ хъуыддæгты лæуд адæймæгтæ фарон ацы афонæй райгæдæр сты сæ куысты æмæ царды уавæртæй. Адæймагмæ афтæ кæсы, цыма нæ хур дæр ирддæр сты, цыма уазал афтæ нал къуыззитт кæны. Стыр коллективы царды æрцыд стыр хорздзинад: ссæрибар, бирæ мæстытæ æмæ тыхстытæ йын чи фенын кодта, уыдонæй. Нæ университет фыдæй-фыртмæ уыди Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæдæтты тырысахæссæг. Фидарæй мæ уырны, уыцы кад та нæм кæй раздæхдзæни. Уый тыххæй хъæуы иудзинад, æууæнк, дардмæ фентъухын хъæуы дам-думтæ, адæмы тыхсынгæнæг хъуыддæгтæ.

Ассистентæй профессоры онг хъуамæ батулæм нæ дыстæ æмæ, кæстæртæй бирæ домгæйæ, уæм хæларзæрдæ æмæ цæстуарзон, ма кæнæм гуымиры æмæ схуыст ныхас. Студенттæн та мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уарзой чиныг æмæ ногæй ныххал уой кæсæндæттæм. Кæддæрты изæрыгæтты афтид бынат зын ссарæн уыдис нæ библиотекæйы. Ныр бирæтæн сæ сæйраг чиныг ситсты комьютер, смартфон. Уыдон дæр хъæуынц, фæлæ бæрцыл. Нырма ничи ма æрхъуыды кодта чиныгæй хуыздæр хæзна. Чызджытæ, лæппутæ, уæ зæрдыл дарут, уæ фæрныг хæдзæрттæй фæрныг университетмæ зонд исынмæ кæй цæут. Уæд уæ рауайдзæн æцæг кусджытæ; æрмæстдæр арф зонындзинæдтимæ ис царды къæпхæнтыл бæрзондмæ схизæн. Сымах ахуыры хъæдæй хъуамæ райой уæ ахуыргæнджыты, уæ ныййарджыты, нанаты æмæ бабаты зæрдæтæ. Æрмæст уæхиæн нæ, фæлæ иннæтæн дæр уæ хорз ахуырæй æмæ наукон сгæрстытæй цин куы хæссат, уæд уæхицæн дæр бирæ æнцондæр уыдзæни æрвылбоны царды. Цард у вазыгджын æмæ домаг, бирæ гакъон-макъон фæзилæнтæ дзы ис, æмæ уыдоныл раст ацæуæн ис æрмæстдæр бирæ æмæ арф зонындзинæдтимæ. Хæлофæй сæ исут уæ сæртæм, уæ зæрдæтæм.

Саламтæ æрвитын æфцæджы сæрты нæ хотæн, не'фсымæртæн, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты арæхстджын зондамонджытæн, рухсмæ æнæзивæгæй тырнæг студенттæн.
Ног азы хорзæх уæ уæд, мæ зынаргъ адæм.

МÆХÆМÆТТЫ Ахуырбег,
историон наукæты доктор, профессор,
Уæрæсейы ахуырады академийы уæнг-уацхæссæг.
ЦИПУ-йы президент

Ссылка на статью

Печать

Количество просмотров (524)/Комментарии (0)

Пожалуйста войдите или зарегистрируйтесь to post comments.

Theme picker

Контактная информация

Сообщение