Æркаст «Ирон аив дзырды дæсны»

Автор статьи: Администратор/8 апреля 2016 г./Категории: МОиН РСО-Алания

Хъуамæ алы ирон адæймаг дæр йе ʼхæсыл нымайа, мадæлон æвзаджы уавæр хуыздæр кæнын æмæ йын йæ хъомыс тыхджындæр кæнын. Ахуырад æмæ наукæйы министрады арæзт мадзæлттæ ацы домæнтæн дзуапп дæттынц. Уымæн æвдисæн — 8-æм апрелы Сывæллæтты галуаны арæзт æрвылазон республикон æркаст «Ирон аив дзырды дæсны». Ацы аз йæ темæ у «Мæ дзæбæх мад – мæ амонды мæсыг». Æркасты архайджытæ сты 8-11-æм кълæсты скъоладзаутæ, муниципалон этапы уæлахиздзаутæ. Уыдон кастысты ирон поэтты æмдзæвгæтæ æмæ прозæйæ фыст уацмыстæй скъуыддзагтæ. Тырнын хъæуы уымæ, цæмæй сывæллæтты ныхасы хъæд уа æнæаипп, аив, ома литературон нормæтæм гæсгæ арæзт.
Жюрийы уыдысты Парламенты кусджытæ, газет «Рæстдзинад», журналтæ «Ногдзау æмæ «Ирæф»-ы редактортæ, æхсæнады минæвæрттæ, ахуырады кусджытæ. Уыдон конкурсанттæн аргъ кодтой дыууæ номинацимæ гæсгæ: æмдзæвгæ кæнæ аивадон уацмысæй скъуыддзаг аив дзурын.
Уæлахиздзаутæн лæвæрд æрцыдысты Ахуырад æмæ наукæйы министрады грамотæтæ æмæ лæвæрттæ, уæлахиздзауты чи бацæттæ кодта, уыцы ахуыргæнджытæн та – арфæйы гæххæттытæ.

Фыццаг номинацийы уæлахиздзаутæ сты:
1-аг бынат – Гогаты Мальвинæ, Алагиры 5-æм скъолайы ахуырдзау;
2-аг бынат – Гагуылаты Кристинæ, Дигорайы 2-æм скъолайы ахуырдзау; Казахты Фатимæ, Рахизфарсы районы, Ног Бæтæхъойы скъолайы ахуырдзау; Гагиаты Кристинæ, Дзæуджыхъæуы Сывæллæтты галуаны архайæг;
3-аг бынат – Сипович Виктория, Мæздæджы районы, ст. Павлодольскы скъолайы ахуырдзау;

Дыккаг номинацийы уæлахиздзаутæ сты:
1-аг бынат – Гæбуты Алан, Æрыдоны 1-æм скъолайы ахуырдзау;
2-аг бынат – Фæрниаты Батрадз, Алагиры районы, Суададжы хъауы скъолайы ахуырдзау; Дриаты Ацæмæз – Кировы районы, ст. Змейкæйы 1-æм скъолайы ахуырдзау;
3-аг бынат – Дзоблаты Дианæ, Æрæфы районы, Советски хъæуы скъолайы ахуырдзау.
DSC01051

DSC01043

20160408_103821

Ссылка на статью

Печать

Количество просмотров (462)/Комментарии (0)

Пожалуйста войдите или зарегистрируйтесь to post comments.

Theme picker

Контактная информация

Сообщение