«Глобалон диктанты» текст

Автор статьи: Администратор/13 мая 2015 г./Категории: МОиН РСО-Алания

Нафи

Æгас цу, Хур!

Къахвæндагыл фæуырдыг кодтон хъæды астæуты æмæ фæхатыдтæн, кæй æрталынг. Фæндаг бæрзонд бæлæсты бынты цыди æмæ йæм арвæй рухсы цъыртт нал хæццæ кодта.

Цыдтæн сындæггай, нырма мæ рагон фыны зæрдæхаттæй не схицæн дæн, æмæ цæстытыл уадысты уæды нывтæ… Арвы кæронæй куы рахаудтæн æмæ зæххыл мæ тъæпп куы фæцыди, уæд фехъал дæн æмæ фæгæпп кодтон уатæй – хæдзары ничи уыди æмæ фæтарстæн – кæд мыййаг нырма хур не скасти, кæд æй хурхортæ аныхъуырдтой, æмæ гыцци æмæ Нана дæр адæмимæ хъæуы уæзæгыл лæууынц æмæ дзыназынц Хуры аныгуылдыл…

Рагæпп кодтон дуарæй æмæ уайтагъд Хуры тыхджын рухсæй мæ цæстытæ айдзаг сты æмæ сæ бацъынд кодтон. Мæ цæстытæ куы байгом кодтон, уæд мæ рахиз армы аууонæй скастæн уæлæмæ, Уациллайы хохы ‘рдæм, æмæ мæ зæрдæ цинæй айдзаг: Хур нæ аныгуылд! Хур бадти хохы цъуппыл æмæ касти уырдыгæй, худти æгас дунемæ!

Хур нæ аныгуылд æмæ æз æппындæр ницæмæйуал тарстæн – нæдæр хæйрæджытæй, уыдонæй æз дысон изæр талынджы æнæхъæн къæртайы дзаг дон байстон тыхæй æмæ дзы сым-сым дæр ничи суæндыд, нæдæр хурхортæй, фыны хæцыдтæн семæ мæ къæбыла Абырæджы æххуысæй æмæ нæ бахордтой Хуры. Нæ аныгуылд Хур, уæлæ хохы цъуппыл бады, раст цыма нæ сыхаг Зурайы сисæй æрбадардта йæ сæр, æмæ худы сывæллонау…

Хур нæ аныгуылд æмæ абоны онг дæр мæ сæрмæ зилы сæрдæй, зымæгæй, къæвдайæ, хурбонæй æмæ мын тавы мæ уд, рухс кæны мæ зæрдæ. Æмæ куы ‘рымысын уæды фын, куы ‘рымысын хурхортимæ хæст уынгæджы бон, стæй адæмы цины хъæр Хурæскасты уысм, уæд мæ мидзæрдæйы æз дæр уыдонау фæхъæр кæнын: «Æгас цу, Хур! Æгас цу, æнæныгуылд! У кæддæриддæр, абон дæр, сом дæр, тъымы-тъыматæм дæр!»

260 дзырды

Ссылка на статью

Печать

Количество просмотров (752)/Комментарии (0)

Пожалуйста войдите или зарегистрируйтесь to post comments.

Theme picker

Контактная информация

Сообщение